https://sputnik-ossetia.com/20231115/khussar-iry-aiuvars-kodtoy-kontrabandistty-arkhayd-guyrdzystonm-rtag-lasyny-fdyl-26732501.html
Хуссар Иры аиуварс кодтой контрабандистты архайд Гуырдзыстонмæ æртаг ласыны фæдыл
Хуссар Иры аиуварс кодтой контрабандистты архайд Гуырдзыстонмæ æртаг ласыны фæдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Контрабандистты организацигонд фыдгæнон къорд, кæцы ласта егъау гуырахсты æртаг Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ, аиуварс кодтой... 15.11.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-11-15T11:11+0300
2023-11-15T11:11+0300
2023-11-15T11:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
паддзахадон арӕн
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/955/22/9552290_0:230:3071:1957_1920x0_80_0_0_10164705e398b747053377ae17db6aa9.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Контрабандистты организацигонд фыдгæнон къорд, кæцы ласта егъау гуырахсты æртаг Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ, аиуварс кодтой республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) кусджытæ Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) Арæнгæрон дæлхайадимæ иумæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы ПÆК пресс-службæ.Уагдоны банысан кодтой, контрабандистты архайд аиуварс кæныны фæдыл мадзæлттæ уагъд цыдысты Хуссар Ирыстоны президенты санкцийæ.Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы 14 ноябры æхсæвы æрцахстой Цхинвалы цыппар цæрæджы, уыдон уыцы рæстæджы фæнд кодтой арвитын Гуырдзыстонмæ æртаджы 50 тонны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/955/22/9552290_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_11e459e924688f507fae7cbef84fb81c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, паддзахадон арӕн
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, паддзахадон арӕн
Хуссар Иры аиуварс кодтой контрабандистты архайд Гуырдзыстонмæ æртаг ласыны фæдыл
ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Контрабандистты организацигонд фыдгæнон къорд, кæцы ласта егъау гуырахсты æртаг Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстонмæ, аиуварс кодтой республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) кусджытæ Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) Арæнгæрон дæлхайадимæ иумæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы ПÆК пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, контрабандистты архайд аиуварс кæныны фæдыл мадзæлттæ уагъд цыдысты Хуссар Ирыстоны президенты санкцийæ.
"Фыдгæнон къорды уæнгтæ сорганизаци кодтой æртаджы æнæлегалон æрбаласт Хуссар Ирыстонæй Гуырдзыстоны территоримæ. Уыимæ иумæ æнæкусгæ мелиорацион системæйы донвæдтæй иуы фыдгæнджытæ нывæрдтой пластикон трубæ, кæцы цæуы Гуырдзыстонмæ. Æмбæхст исæн æртагон коллектор контрабандисттæ сарæзтой Цхинвалы хуссарварс кæрон", - радзырдтой уагдоны.
Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы 14 ноябры æхсæвы æрцахстой Цхинвалы цыппар цæрæджы, уыдон уыцы рæстæджы фæнд кодтой арвитын Гуырдзыстонмæ æртаджы 50 тонны.