Хуссар Иры Гуырдзыстоны ахст æмбæстаджы арвыстой гуырдзиаг фарсмæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны ахст æмбæстаджы арвыстой гуырдзиаг фарсмæ
Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны ахст æмбæстаджы арвыстой гуырдзиаг фарсмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæнты 2023 азы 14 майы æнæзакъонæй рахизыны тыххæй хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ æрурæдтой 1986 азы гуырд горæт Рустауы цæрæг Гуырдзыстоны æмбæстаг Петриашвили Леван Джемалы фырты. Бæлвырдгонд æрцыд, фæткхалæг кæй уыд урæд нозтджынæй æмæ барæй рахызт Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн Цхинвалы хуссар-скæсæйнаг горæтгæроны.
2023 азы 27 июлы Цхинвалы районон тæрхондонæй Петриашвили Л.Д. зылынджыныл нымад æрцыд УФ УК 322 уац "Паддзахадон арæныл æнæзакъонæй рахизын", æфхæрæн мадзал – иумæйаг режимы колонийы авд мæйы æмгъуыдмæ ахæст.
2023 азы 15 ноябры зылынджынæн æфхæрыны мадзалы æмгъуыд фæцис, уымæ гæсгæ фидаргонд фæткмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд гуырдзиаг фарсмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0