Милици сгары граждайнаг хæцæнгарз æвæрыны уавæртæ Цхинвалы

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОМилици сгары граждайнаг хæцæнгарз æвæрыны уавæртæ Цхинвалы
Милици сгары граждайнаг хæцæнгарз æвæрыны уавæртæ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя - Sputnik. Цхинвалы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ сгарынц регистрацигонд хæцæнгарз æвæрыны уавæртæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй уагдоны сæргълæууæг бахæс кодта уадзын хæцæнгарз æвæрыны регулярон басгæрсттæ.
"Мах иудадзыг нæ цæст дарæм хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытæ æвæрыны фæтктæм. Ацы азмæ басгæрстам хæцæнгарзы 170-æй фылдæр хицауы. Кæддæрты профилактикон мадзæлтты рæстæджы сбæрæг кæнæм алыгъуызон фæткхæлдтæ æмæ саразæм къахдзæфтæ сæ аиуварс кæнынæн. Вæййы цаутæ, кæд хæцæнгарзы хицау фæивы йæ цæрæны бынат, æмæ махæн та нæ фехъусын кæны уый тыххæй. Ахæм фæткхалджытимæ ауадзæм профилактикон ныхас æмæ сæ бафæдзæхсæм, цæмæй уой бæрнондæр", - хъусын кæны МХМ пресс-службæ инспектор Остъаты Олегы ныхæстæ.
Ахæм басгæрсттæ уагъд цæуынц республикæйы районты дæр, банысан кодтой уагдоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0