Мызуры æрурæдтой скъолатæ æмæ сабидæтты куыст зынгсивæрзты тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanМызуры æрурæдтой скъолатæ æмæ сабидæтты куыст зынгсивæрзты тыххæй
Мызуры æрурæдтой скъолатæ æмæ сабидæтты куыст зынгсивæрзты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Дысон Мызуры районы хæхты ссыгъд хусгæрдæг, бынаты кусынц зынгфæдисон службæйы ирвæзынгæнджытæ, фæлæ тыхдымгæ æмæ бацæуæн бынæттæ кæй нæй, уый фæстиуæгæн зынгфæдисонтæн сæ куыст къуылымпы кæны. Уымæ æнæкæсгæйæ, сæ къухы бафтыд хъæуы цæрджыты хæдзарадон агъуыстытæм арт ма ᾿руадзын.

"Зынгсивæрзт фæкъаддæр ис, фæлæ гæнæн ис æмæ дымгæ куы стынг уа, уæд арт дарддæр дæр апырх уа. Уымæ гæсгæ Алагиры районы администраци расидт уæлвæткон уавæр æмæ æруынаффæ кодта скъолаты æмæ сабидæтты ахуыр æрлæууын кæнын", - фехъусын кодта Ossetia News Алагиры районы сæргълæууæг Дзантиаты Ислам.

Ног хабӕртты лентӕ
0