Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр радзырдта Хуссар Иры эпидемиологон уавæры тыххæй

© Sputnik / Natalia AiriyanРеспубликæйы сæйраг санитарон дохтыр Хуссар Ирыстоны эпидемиологон уавæры тыххæй
Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Хуссар Ирыстоны эпидемиологон уавæры тыххæй  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина радзырдта Хуссар Ирыстоны эпидемилогн уавæры тыххæй Sputnik пресс-конференцийыл цыппæрæмы.
Коцты Маринайы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы сезонон низты нымæц фæкъаддæр ис, фæлæ ковид нырма нæ фесæфт.
Хъихъхъгæнаг хуыфæг кæй апарахат, уымæн йæ аххоссаг у вакцинацийы нывæст æмбæлон æгъдауыл кæй нæ цæуы, уый, бахахх кодта сæйраг санитарон дохтыр.
Афтæ ма Коцты Марина радзырдта республикæйы нуазыны доны гъæды тыххæй дæр.

"Сæрды кæронæй Хуссар Ирыстоны нуазыны доны гъæд фæхуыздæр ис. Горæты алы районы дæр дон басгарæм къуыри дыууæ хатты", - радзырдта санитарон дохтыр.

Уыимæ иумæ Коцты Марина бафæдзæхста ныййарджыты, цæмæй сывæллæттæн дæттой фыцгæ дон.
Сентябры Югосетпотребнадзор скусын кодта ног ифтонгад, кæцы рабæрæг кæны уæззау металлты уæвынад доны, уæлдæфы, зæххы æмæ хæлцадон продуктты.
Ног хабӕртты лентӕ
0