Цхинвалы цæгатварс ссыгъд æртаджы станц, дыууæ адæймаджы бахъыгдард сты

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 ноя - Sputnik. Цхинвалы цæгатварс æртаджы станцы бензин ласæн хæдтулгæйæ стационарон цистернæтæм æртаг уадзыны рæстæджы æрцыд зынгсирвæзт, хъусын кæны цыппæрæмы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, зынгсирвæзт кæй аиуварс кодтой УУМ зынгфæдисонтæ.
"Дыууæ зианбаййафæджы буары сыгъдтимæ бакодтой рынчындонмæ", - бахахх кодтой министрады.
Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, зынгсирвæзты аххосаг уыд æртаджы ифтонггарзы фехæлд.
Бынаты кусынц уагдоны кусджытæ, уыдон бæрæг кæнынц цауы æууæлтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0