Гаглойты Алан: Хуссар Иры хъӕууон хӕдзарады райрӕзт райста ног динамикӕ

© PhotoГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik. Хъӕууон хӕдзарадӕн ис сӕрмагонд бынат экономикӕйы ӕмӕ у нырыккон паддзахады райрӕзты иууыл ахсджиагдӕр здӕхттӕ иу, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йӕ арфӕйы телы хъӕууон хӕдзарады кусӕджы Боны цытӕн.

"Абоны бон хъӕууонхӕдзарадон къабазы райрӕзт исы ног динамикӕ: арӕзт цӕуы агросӕудӕджерадон комплекс Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕлцадон ӕдасдзинад сӕххӕст кӕныны нысанӕн ӕмӕ экспортон потенциалы райрӕзтӕн, афтӕ ма паддзахадон бюджетӕй хицӕн цӕуынц финансон фӕрӕзтӕ уӕлбар кредитты хуызы амалиуӕггӕнджытӕн", - дзырдӕуы арфӕйы ныхасы.

Гаглойты Алан фидарӕй загъта, хъӕууон хӕдзарады кусджыты куыстуарзондзинад ӕмӕ равзаргӕ хъуыддагмӕ иузӕрдыгдзинады фӕрцы уыдон кӕй сӕххӕст кӕндзысты се ‘ппӕт хӕслӕвӕрдтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0