Хуссар Иры ФХМ разамонæг хайад райста онлайн конференцийы

© Photo : Пресс-служба МИД РЮОХуссар Иры ФХМ разамонæг хайад райста онлайн конференцийы
Хуссар Иры ФХМ разамонæг хайад райста онлайн конференцийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) сæргълæууæг Джиоты Æхсар хайад райста Сухумы уагъд цæуæг онлайн-конференцийы, кæцы нывонд уыд ИНО агентадтæ æмæ æхсæнадæмон æнæхицауадон организацитимæ æмархайдæн. Уый тыххæй хъусын кæны хуссарирыстойнаг æддагполитикон уагдоны пресс-службæ.
ФХМ сæргълæууæг Инал Ардзинбайы онлайн фембæлд паддзахадон органты минæвæрттæ æмæ хæларадон бæстæты эксперттимæ ацыд Абхазы ФХМ медиацентры.
"Мадзалы ма хайад райстой Республикæ Никарагуайы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Монкада, Абахзы минæвар Сирийы Мухаммад Али, Абхазы æххæстбарджын минæвар Днестыргæроны Александр Ватаман, "Alpha News"-ы мæскуыйаг редакцийы сæйраг редактор Айк Халатян. Конференцийы хайдисджытæ æрдзырдтой ИНО агентадтæ æмæ æхсæнадæмон æнæхицауадон организациты актуалон тенденцитыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хайадисджытæ хорзыл банымадтой мадзæлтты комплекс, кæцы сарæзта Абхазы ФХМ эффективон координацийæн ацы къабазы.
Ног хабӕртты лентӕ
0