https://sputnik-ossetia.com/20231117/khussar-iry-tsaradzhy-faivar-kodtoy-narkotikta-avaryn-ama-lasyny-tykhkhay-26767542.html
Хуссар Иры цӕрӕджы фӕивар кодтой наркотиктӕ ӕвӕрын ӕмӕ ласыны тыххӕй
Хуссар Иры цӕрӕджы фӕивар кодтой наркотиктӕ ӕвӕрын ӕмӕ ласыны тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны наркотикты ӕрзылдмӕ цӕстдарды фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ Паддзахадон автоинспекци ӕмӕ милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы... 17.11.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-11-17T10:01+0300
2023-11-17T10:01+0300
2023-11-17T10:01+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/10/26763374_0:89:551:399_1920x0_80_0_0_c27890cea99bb5f14b59c533ed6ab5cc.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны наркотикты ӕрзылдмӕ цӕстдарды фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ Паддзахадон автоинспекци ӕмӕ милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къордимӕ (МСНК) рейдты рӕстӕджы ссардтой Цхинвалы 27-аздзыд цӕрӕджы хӕдтулгӕйы гӕххӕтты гӕппӕл "гӕн"-имӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.Фӕткхалӕджы ӕрбаздахтой бӕрнмӕ ӕртӕ статьямӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ фӕивар кодтой 90 мин сомы бӕрц.Министрады банысан кодтой, шофыр кӕй нӕ сразы рацӕуын медицинон басгӕрсттӕ наркотиктӕ ӕмӕ буарад "Лирика"-йӕ пайда кӕныны фӕдыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/10/26763374_13:0:546:400_1920x0_80_0_0_16ea272f37dbb4c0c537bb560abc090c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Хуссар Иры цӕрӕджы фӕивар кодтой наркотиктӕ ӕвӕрын ӕмӕ ласыны тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны наркотикты ӕрзылдмӕ цӕстдарды фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ Паддзахадон автоинспекци ӕмӕ милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къордимӕ (МСНК) рейдты рӕстӕджы ссардтой Цхинвалы 27-аздзыд цӕрӕджы хӕдтулгӕйы гӕххӕтты гӕппӕл "гӕн"-имӕ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Фӕткхалӕджы ӕрбаздахтой бӕрнмӕ ӕртӕ статьямӕ гӕсгӕ ӕмӕ йӕ фӕивар кодтой 90 мин сомы бӕрц.
Министрады банысан кодтой, шофыр кӕй нӕ сразы рацӕуын медицинон басгӕрсттӕ наркотиктӕ ӕмӕ буарад "Лирика"-йӕ пайда кӕныны фӕдыл.