Хуссар Иры уӕзисӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат уӕззау атлетикӕйӕ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры уӕзисӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат уӕззау атлетикайӕ
Хуссар Иры уӕзисӕг рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат уӕззау атлетикайӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг уӕзисӕг Джиоты Александр рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат уӕззау атлетикӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik тренер Плиты Артур.
Хуссар Ирыстоны минӕвар тох кодта 102 килограммы уӕзы 19-20 азы кары фӕсивӕды хсӕн, ерысты ацыдысты Майкопы.
"Ивгъуыд аз Джиоты Александр Уӕрӕсейы чемпионаты бацахста дыккаг бынат, ацы аз та схызт иууыл бӕрзонддӕр къӕпхӕнмӕ. Спортсмен аразы стыр къахдзӕфтӕ, йе 'нтыстытӕ азӕй-азмӕ хуыздæр кæнынц", - загъта тренер.
Ныхасæмбал ма банысан кодта, спортсмен дыууӕ дисциплинӕйы иумӕ систа 304 килограммы уӕз.
Спортмены цӕттӕ кӕнынц дыууӕ тренеры: Плиты Артур ӕмӕ Наниты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0