Гуырдзыстонимæ арæны делимитаци – регионы стабилондзинады ахсджиаг фактор

© КГБ РЮОГуырдзыстонимæ арæны делимитаци – регионы стабилондзинады ахсджиаг фактор
Гуырдзыстонимæ арæны делимитаци – регионы стабилондзинады ахсджиаг фактор - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ᾿хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци уыдзæн регионы стабилондзинады ахсджиаг фактор, радзырдта президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы æмсæрдартимæ фембæлды рæстæджы.
Цхинвалмæ дыццæджы æрцыд Евроцæдис, ОБСЕ æмæ ООН минæвæртты делегаци Женевайы радон фембæлдтæм бацæттæ кæныны тыххæй.
Евроцæдисы æмсæрдар Тойво Клаар йæхи ᾿рдыгæй загъта, абоны фембæлд тынг ахсджиаг у, цалдæр къуырийы размæ трагикон цаутæ кæй æрцыд, уый фæдыл.
"Хорз у æмæ махæн нæ бон у æрныхас кæнын куыд бахизæм нæхи ахæм цаутæй фидæны", - банысан кодта уый.
Женевæйы радон фембæлд ацæудзæн декабры райдианы.
Ног хабӕртты лентӕ
0