Транскамы фæндагон змæлд блок кæнынц зæйтæ трассæйы цæгатирыстойнаг фадыгыл – РХИ УУМ

© Sputnik / Denis Abramov /  Ахизын медиабанкмæТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 ноя - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы цæгатирыстойнаг фадыгыл æрцыдысты фондз зæйы, фехъусын кодтой дыццæджы Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæйы.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй трассæ сæхгæдтой къуырисæры æхсæвы æвзæр боныгъæды тыххæй.
"Трассæйыл æрцыдысты фондз зæйы – иууылдæр цæгаттаг фарсыл. Фыццаг æрцыд æмбисæхсæв, уæд сæхгæдтам фæндагон змæлд", - банысан кодтой уагдоны.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0