Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой СÆО-йы рæстæджы фæмардуæвæг æфсæддон Тедеты Владикæн

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой СÆО-йы рæстæджы фæмардуæвæг æфсæддон Тедеты Владикæн
Хуссар Иры фæстаг хæрзбон загътой СÆО-йы рæстæджы фæмардуæвæг æфсæддон Тедеты Владикæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы хæстон Тедеты Владикæн, кæцы фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) рæстæджы.
Хъайтарæн фæстаг хæрзбон зæгъынмæ æрбацыдысты республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма сæдæгай адæм – фæмардуæвæджы хиуæттæ, æмслужбæгæнджытæ æмæ æмбæлттæ.
Хъайтары хиуæттæн тæфæрфæс ракодта паддзахады сæргълæууæг.
"Зонын æй, абон Владикы рухс ном ссарынмæ чи æрбацыд, уыдоны алкæйдæр фæндыдаид зæгъын цалдæр ныхас йæ тыххæй, фæлæ ахæм моментты адæймагæн дзурын дæр зын вæййы", - загъта президент.
Хъайтары бинонтæн тæфæрфæс ракодта йæ командæгæнæг дæр.
"Владик цæсгомджынæй æххæст кодта йæ хæслæвæрдтæ, службæ кодта Фыдыбæстæйы сæраппонд. Мах дих кæнæм уемæ уæ маст æмæ алыхатт дæр цæттæ стæм баххуыс кæнынмæ", - банысан кодта уый.
РХИ президенты барамындæй Тедеты Владикы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы" майданæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0