Хуссар Иры УУМ систа тобæ уæзласæн хæдтулгæты змæлдыл Транскамы

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 ноя - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы систой арæнæвæрдтæ уæзласæн хæдтулгæты змæлдыл, трассæ гом у транспорты алы хуызтæн дæр, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Раздæр хъусын кодтой, дыццæджы изæры Транскамы кæй æрурæдтой уæзласæн хæдтулгæты змæлд æвзæр боныгъæды тыххæй.
"Транскавказаг автомагистралы фæндагон змæлд гом у автотранспортон фæрæзты алы хуызтæн дæр", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0