Нарты кадджытæ. Нарты сæфт

Нарты кадджытæ. Нарты сæфт
Рафыссын
Нарты тыхджынтæ иуылдæр фæцардысты хæцгæйæ. Бирæ тыхгæнджыты тых басастой. Нал сын уыд, сæ тых ма кæимæ бавзæрстаиккой, ахæм.
Хъуыды кæнын байдыдтой, чемæ ма бавзарæм нæ тых, зæгъгæ. Уæд сын фыдбылызы Сырдон загъта:
- Хуыцауæн кувгæ кæнут, фæлæ ма йæ тыхæй дæр бафæлварут.
Нарт ын загътой:
- Кæм и, куы нæ йæ зонæм.
Сырдон сын загъта:
- Куы йæ смæсты кæнат, уæд уæм йæхæдæг зындзæни.
Нарт Сырдоны фæрсынц:
- Æмæ йæ цæмæй смæсты кæнæм?
Ног хабӕртты лентӕ
0