Хуссар Иры тхэквондисттæ рамбылдтой 14 хорзæхы Уæрæсейы Кубокы

© Photo : Из архива В. ГучмазоваТхэквондо
Тхэквондо - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 ноя - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссарирыстойнаг тхэквондисттæ рамбылдтой 14 хорзæхы Уæрæсейы Кубокы тхэквондойæйæ æмæ Олег Дерипаскайы медицинæ æмæ æмхæццæ æмтохæдты райрæзты Фонды Гом турниры призтыл. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта æмхæццæ æмтохæдты Клуб "Рухс сомбон"-ы президент Гуыцмæзты Валерий.
Ерыстæ цыдысты 24-26 ноябры Краснодары крайы, станица Архангельскаяйы.

"Æмхæццæ æмтохæдты Клуб "Рухс Сомбон"-ы 18 минæварæй алыхуызон призон бынæттæ бацахстой 14 спортсмены. Бузныг дзурын РЦИ-Аланийы спортивон клуб "Лидер"-æн Ходты Асланы сæргълæудæй æмæ ерысты организатортæн сæ æрхуынды тыххæй. Нæ сывæллæттæн уыд фадат равдисын сæ курдиат, афтæ ма райсын стыр фæлтæрддзинад æмæ æвæрццаг тæлмæнтæ", - загъта Гуыцмæзты Валерий.

Уый ма банысан кодта, ерысты хайад кæй истой 450-æй фылдæр спортсмены Уæрæсейы алыхуызон регионтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0