Хъырымы расидтысты уæлвæткон уавæры режим æвзæр боныгъæды тыххæй

© Sputnik / Константин МихальчевскийХъырымы хид
Хъырымы хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 ноя - Sputnik. Æрдзон бæллæхы тыххæй Хъырымы цалдæр муниципалон зылды расидтысты уæлвæткон уавæры режим, фехъусын кодта Хъырымы сæргълæууæг Сергей Аксенов.
"Æвзæр боныгъæды тыххæй райстæуыд скъуыддзаг бакæнын уæлвæткон уавæры режим Республикæ Хъырымы цалдæр муниципалон зылды территорийыл", - ныффыста Аксенов йæ Telegram-каналы.
Астæуккагденджызон циклон æрхаста Хъырыммæ штормон боныгъæд тæрккъæвдатæ æмæ ураганон дымгæимæ. Хъырымы бирæ хъæутæ баззадысты æнæ рухсæй, ракалдысты бæлæстæ, бахъыгдард сты газы хæтæлтæ, денджызы ис егъау шторм, йæ уылæнтæ доны бын фæкодтой Евпаторийы донбылгæрæттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0