МХМ радзырдтой Хуссар Иры криминогенон уавæры тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянМилици
Милици - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 ноя – Sputnik. Республикæйы фæндæгтыл ивгъуыд къуыри регистрацигонд æрцыд фондз фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Авариты фæстиуæгæн бахъыгдард сты æртæ адæймаджы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Афтæ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 279 фæткхалды.
"Фараст шофыры скъæрдтой автотранспорт нозтджынæй. Уымæй дарддæр фæткхæлдты æхсæн: транспорт æнæ бæлвырдгæнæн документтæй скъæрын – 43, светофоры сырх рухсыл аскъæрын – 46, транспортыл скъæрдта гоймаг, кæцымæ нæй бартæ скъæрынæн – 49", - банысан кодтой МХМ.
Уыимæ иумæ ивгъуыд къуыри республикæйы территорийыл не срегистраци кодтой фыдракæндтæ. Æхсæнадон фæтк фехалыны тыххæй милицийы кусджытæ бæрнмæ æрбаздахтой дыууæ адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0