Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. I хай. I сæр

Рафыссын
— Цорæты Мæхæмæт йæ фыртæн фынджыдзаг кæны æмæ...
— Фынджыдзаг, зæгъыс?
— О!
— Кæд?
— Абон...
— Цины уацтæ хæссæг у ардыгæй фæстæмæ.
— Бузныг. Æз ма искæмæнты фехъусын кæнон.
Цорæты Мæхæмæты фырт Ислам хæсты уыд æмæ дзы æвзæр хабар сыхъуыст. Ацы уац хъусын кодта Мæхæмæты сыхаг Биби. Ныхас та кодта Цæрукъаты Бабазимæ. Бабаз бирæ нæ афæстиат, хæдзармæ бацыд æмæ йæ телогрейкæйы хæррæгъ раппæрста, йæ дæрдджын цинел скодта, лæдзæг райста æмæ рацыди. Йæ сыхаг Басилы дуармæ куы схæццæ ис æмæ ныр бадзурон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ Басилæн йæхи кæрты ауыдта. Басил ын тæфæрфæс ракодта.
Басил зыдта, Бабаз Мæхæмæтæн цыдæр кæй бавæййы. Дыууæ лæджы кæрæдзимæ бакастысты æмæ æнæдзургæйæ рараст сты Цорæтæм.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0