Транскамы сæхгæдтой фæндагон змæлд уæзласæн хæдтулгæтæн

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 ноя – Sputnik. Ручъы тоннелы хуссарварс уары мит, цæгатварс та кæмдæрты æркæлынц дуртæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Æмбæлон службæтæ сыгъдæг кæнынц фæндаг, банысан кодтой пресс-службæйы.
Уый фæдыл УУМ сæхгæдта фæндагон змæлд уæзласæн хæдтулгæтæн, уымæн æмæ уыдон хъыгдарынц фæндаг сыгъдæг кæнын.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0