Цæгат Иры байгом уыдзæн ног ихын аренæ

© Sputnik / Natalia AiriyanДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 ноя - Sputnik. Цæгат Ирыстоны 2024 азы январы байгом уыдзæн ног ихын аренæ "Тагбан", хъусын кæны республикæйы спорты министрады пресс-службæ.
Объект, кæцыйы фæзуат у 32 мин квадратон метры, арæзт цæуы инвестортæ Алексей æмæ Ирина Бояркинты хъæппæрисæй Дзæуджыхъæу æмæ Джызæлы æхсæн.
"Проекты реализаци ратдзæн импульс зымæгон спорты хуызты райрæзтæн куыд профессионалонтæн, афтæ ма спорт уарзджытæн дæр", - банысан кодта физикон культурæ æмæ спорты министр Гæззаты Юрий.
Арæзтадон куыстытæ райдыдтой ивгъуыд аз уалдзæджы. "Тагбан"-ы сараздзысты трибунæтæ 500 кæсæгæн. Объекты арæзтады аргъ у 200 милуан сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0