Цæгат Иры шахматисттæ рамбылдтой турниры Дзауы районы

© Photo : Пресс-служба Дзауского района РЮОЦæгат Иры шахматисттæ рамбылдтой турниры Дзауы районы
Цæгат Иры шахматисттæ рамбылдтой турниры Дзауы районы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 27 ноя - Sputnik, Гæбæрат Элина. Зындгонд ирон историк, чиныг "Осетия и осетины"-йы автор Челæхсаты Хъазбеджы номыл турнирæн хатдзæгтæ скодтой Хуссар Ирыстоны Дзауы районы. Турниры оргкомитеты минæвар Санахъоты Сослан куыд радзырдта Sputnik-æн, афтæмæй фыццаг бынат бацахста ветеранты командæ Дзæуджыхъæуæй.
"Дыккаг бынатыл ацыдысты Танделаты бинонты командæ. Уыдон сты Теделеты хъæуæй рацæугæ, фæлæ хъахъхъæдтой горæт Дзæуджыхъæуы кад. Бронзæйон призертæ ссисты ХИПУ командæйы хайадисджытæ", - радзырдта Санахъоты Сослан.
Уый ма бахахх кодта, шахматисттæ кæй равдыстой сæ курдиат æмæ уæлахизмæ тырнындзинад.
"Турнир ацыд бæрзонд æмвæзадыл. Цæгат Ирыстоны шахматисттæ равдыстой виртуозон хъазт, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты минæвæрттæ дæр равдыстой сæ курдиат", - загъта ныхасæмбал.
Æрвылаз Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны шахматисттæ æрæмбырд вæййынц Дзауы районы, цæмæй сбæрæг кæной иууыл тыхджындæр командæйы. Ацы аз Цæгат Ирыстонæй ерысты хайад истой Горæтгæрон район æмæ Дзæуджыхъæуы командæтæ. Цхинвалæй хайад райстой дыууæ командæйы – ХИПУ æмæ Скъола "Белая ладья", афтæ ма командæтæ Къуайсайы горæт æмæ Знауыр æмæ Дзауы поселоктæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0