Дзæуджыхъæуккаг "Алания"-йы фæстаг хъазт 2023 азы "Акрон"-имæ ахицæн æмдыхæй

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуккаг "Алания"-йы фæстаг хъазт 2023 азы "Акрон"-имæ ахицæн æмдыхæй
Дзæуджыхъæуккаг Алания-йы фæстаг хъазт 2023 азы Акрон-имæ ахицæн æмдыхæй  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik. Дзæуджыхъæуккаг "Алания"-йæн нæ бантыст рамбулын командæ "Акрон"-ы Тольяттийæ Фыццаг лигæйы 20-æм туры. Фембæлд ацыд "Ахмат Арена"-йыл Грозныйы æмæ ахицæн 1:1 хыгъдæй.
Ацы хъазты "Алания" адарддæр кодта йæ æнæмбулгæ сери. Командæ нæ фæуæлахиз æхсæз хъазты дæргъы.
"Акрон"-имæ фембæлд дзæуджыхъæуккаг футболисттæн уыд фæстаг Фыццаг лигæйы фæззыгон хайы. "Алания" ацыд зымæгон улæфтмæ турнирон тамблицæйы æхсæзæм бынат бацахсгæйæ. Чемпионаты лидерæй, "Динамо" Махачкалайæ, дзæуджыхъæуккаг футболисттæ фæстийæ сты фондз очкойы.
Фыццаг лигæйы сезон сног кæндзысты фидæн аз 3 марты. "Алания" фембæлдзæн "Нефтехимик"-имæ Нижнекаменскы.
Ног хабӕртты лентӕ
0