Гаглойты Алан СÆО зонæйы хæстонтæн: тагъд рæстæджы уæм фæхæццæ кæндзысты коптертæ

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан
Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сдзуапп кодта 429-æм полчы хæстонты куырдиатæн, кæцытæ ракуырдтой паддзахады сæргълæууæгæй балхæнын квадрокоптертæ.
"Федтон уын уæ куырдиат æмæ ныридæгæн радтон фæдзæхст ссарын æмæ балхæнын æнæмæнгхъæуæг модельтæ. Бауырнæд уæ, тагъд рæстæджы уæм фæхæццæ кæнддзысты коптертæ. Мах уæ сæрыстыр стæм æмæ алыхатт дæр цæттæ стæм æххуысмæ. Махимæ ис рæстдзинад æмæ фæуæлахиз уыдзыстæм!", - хъусын кæны Гаглойты Аланы ныхæстæ йæ пресс-службæ.
Гаглойты Аланмæ социалон хызæгтæ бадзырдтой 429-æм полчы хæстонтæ æмæ фехъусын кодтой, кæй службæ кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) иууыл уæззаудæр здæхтыты, фæлæ сын ис проблемæ дронтæй ифтонгкæнынадимæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0