Сау тымыгъ. Фыдызæххы цæргæс хъæбултæ

Сау тымыгъ. Фыдызæххы цæргæс хъæбултæ
Рафыссын
…Рутен æмбырдæй баййæфта Санахъоты Мате, Джиоты Андри, Дзуццаты Арсен æмæ Хаситы Мидтайы. Цыппар ирон цæргæс лæппуйы цæуылдæр хъуыддагон ныхас кодтой. Сæ разы стъолыл уыд цавæрдæр нывæзт. Рутен Мидта æмæ Арсены рагæй нал федта æмæ сыл зæрдæбынæй бацин кодта.
- Куыд стут, Хъорнисгоймаг цæргæстæ? Рагæй уæ нал федтон.
- Куыд фæзæгъынц, саг-сæгуыты хуызæн раст. Стæй ма нæ уынгæ дæр кæм фæкæнай, Ручъы хохæй дæлæмæ нæ хизыс, мах та уырдæм ничи хоны, - хъазæн ныхас баппæрста Арсен.
- Æркæсæм нæ хъуыддагмæ, лæппутæ, - райхъуыст хохыйас лæппу-лæг Матейы ныхас.
- Мате, дæ хорзæхæй, бадгæ ма ркæн, кæннод дæм хæрдмæ кæсгæйæ лæджы сæр разилы, - Матемæ бадзырдта Мидта…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0