Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. I хай. IV сæр

Рафыссын
Райсомæй Нади Хазбийы Далитæм барвыста, йæхæдæг йæ куыстмæ ацыд. Директор æм йæ кабинетмæ фæдзырдта æмæ йæ бафарста, æндæрæбон районы ахуырады хайады хйцауæн цы дзуапп радта, уымæй.
Нади цыбырæй радзырдта, районмæ йæм цæмæн фæсидтысты, уыцы хабæрттæ.
— Цæхгæр сын "нæ" загътон. Кусгæ дзы, чи зоны, бакодтаин, сарæхсыныл дæр бацархайдтаин, фæлæ ныртæккæ мæ бон нæма у завучы хæстæ райсын, тыхстытæ дæн.
Нади йæ ныхас кæронмæ нæма ахæццæ кодта, афтæ дзæнгæрæг ныццагътой, æмæ дыууæйæ дæр кæрæдзимæ бакастысты.
— Нæ ныхас урокты фæстæ фæуыдзыстæм, — загъта директор.
— Æз фæдæн, æндæр ницы зæгъынмæ хъавыдтæн, — худæн æмхасæнты сдзырдта Нади.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0