Хуссар Иры уагъд номарӕн згъӕрӕхца "СӔО" райдайдзысты уӕй кӕнын 1 декабрӕй

© SputnikХуссар Иры уагъд номарӕн згъӕрӕхца "СӔО"
Хуссар Иры уагъд номарӕн згъӕрӕхца СӔО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 ноя – Sputnik. Уникалон номарӕн згъӕрӕхца "СӔО", кӕцы рауагъта Хуссар Ирыстоны Национ банк, райдайдзысты уӕй кӕнын майрӕмбоны, дзырдӕуы кредитон организацийы сайтыл.
Эмиссион ӕфтиаг 11% бӕрц рахицӕн кӕндзысты Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) хӕстонтӕн ӕххуысӕн. Номарӕн згъӕрӕхцайы презентаци ацыд 23 ноябры.
Монетӕ нысан кӕны уырыссаг ӕмӕ ирон хӕстоны иудзинад, Уӕрӕсе ӕмӕ Ирыстоны историон ӕмӕ монон бастдзинад.
Фыццаг номарӕн монетӕ ратдзысты Уӕрӕсейы Федерацийы Уӕлдӕр командӕгӕнӕг Владимир Путинӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0