Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. I хай. VI сæр

Рафыссын
Иуæндæс сахаты уыдаид, афтæ Нади сæхимæ æрыздæхт. Кæрты цæстæнгасæй Хазбийы ацагуырдта, фæлæ уый уым нæ разынди.
Мидæмæ бауад, дзауматæ тъахтинмæ баппæрста, йæхæдæг фæстæмæ сæ сыхæгтæм фездæхт. Сыхаг ус æм цæхæрадонæй радзырдта.
— Æгас цу, æгас, мах дæм знон æнхъæлмæ кастыстæм.
— Æмæ, уæдæ, Хазби кæм ис?
— Хазбимæ дысон Дали ссыд æмæ йæ уый акодта, тынг дæ мысыди, мæгуыр, — дзуапп радта сыхаг ус.
— Æз дæр æй бæргæ мысыдтæн, фæлæ адæймагæн афоныл раккуырсын нал фентысы.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0