Цхинвалы районы цалцæг кæнынц скъолатæ

© Sputnik / Элина ГабараеваЦхинвалы районы цалцæг кæнынц скъолатæ
Цхинвалы районы цалцæг кæнынц скъолатæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 ноя – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы скъолаты уагъд цæуынц нывæстон цалцæггæнæн куыстытæ. Районон администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Иналы ныхæстæм гæсгæ, дзырд цæуы косметикон цалцæг æмæ хъармгæнæн системæйы куыст æрнывыл кæныныл.
"Ацы куыстытæ хъуамæ фæуыдаиккой ахуырадон азы райдайæнмæ, фæлæ сæ æххæст кæнæм ныр", - банысан кодта Бæззаты Инал.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, косметикон цалцæг ныридææн ауагътой Цъунары астæуккаг скъолайы.
"Ацы скъолайы дыууæ боны уыд згъыдтытæ хъармгæнæн ситемæйы куысты – рæстæгыл нæ балхæдтой æртаг. Ныртæккæ фарст лыг æрцыд", - бахахх кодта Бæззаты Инал.
Нывæстон цалцæг уадзынц Дменисы скъолайы дæр, бафтыдта администрацийы сæргълæууæг.
Бæззаты Иналы ныхæстæм гæсгæ, Арцеуы ахуырадон уагдоны арæх хæлд хърамгæнæн системæ, уый фæдыл дзы ЦКХ сæвæрдта ног ифтонггарз.
Ног хабӕртты лентӕ
0