Цхинвалы уынгтæн сæ фылдæр хайы хæрзарæзтад фæуыдзæн азы кæронмæ - арӕзтады министр

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы уынгтæн сæ фылдæры хæрзарæзтад фæуыдзæн азы кæронмæ
Цхинвалы уынгтæн сæ фылдæры хæрзарæзтад фæуыдзæн азы кæронмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik. Столицӕйы уынгты фылдӕр хайы хӕрзарӕзтад фӕуыдзӕн азы кӕронмӕ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министр Елдзарты Константин 2023-2025 азты РХИ социалон-экономикон райрæзты Инвестпрограммæйы реализацийы контролы фæдыл рабадты.
"Нысангонд ӕрцыд, фӕндагон арӕзтады графиктӕм фӕстиаттӕ кӕй нӕй - столицӕйы уынгты фылдӕр хайы хӕрзарӕзтад фӕуыдзӕн азы кӕронмӕ", - хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.
Арӕзтады министрады разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕкъаддӕр сты куыстыты темптӕ Козаты уынгыл бынаты зын рельефы тыххӕй.
© Photo : Пресс-служба Правительства РЮО2023-2025 азты РХИ социалон-экономикон райрæзты Инвестпрограммæйы реализацийы контролы фæдыл рабадт
Совещание штаба по контролю за реализацией Инвестпрограммы 2023-2025 годов  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2023
2023-2025 азты РХИ социалон-экономикон райрæзты Инвестпрограммæйы реализацийы контролы фæдыл рабадт
"Алкӕцы объект дӕр хъуамӕ уа профилон уагдӕтты цӕстдарды бын. Графикы фӕстиаттӕ иууылдӕр хъуамӕ сраст кӕной, кӕд дзы зындзинӕдтӕ фӕзына, уӕд ӕз ӕрвылбоне дӕр цӕттӕ дӕн ӕрныхас кӕнын ацы фарстытыл", - бахахх кодта премьер-министр Джуссойты Константин.
Елдзарты Константин фидарӕй загъта, объектмӕ кӕй ӕрбаздахдзысты уӕлӕмхасӕн бригадӕтӕ ӕмӕ азы кӕронмӕ Козаты уынгыл сӕвӕрдзысты асфальты фыццаг цъар.радзырдта амайад, архтектурæ æмæ ЦКХ министрады сæргълæууæг Елдзарты Константин
Куыд банысан кодтой министрады, афтæмæй Уæрæсе 2023 азмæ радта Инвестпрограммæйы реализацийæн 1,25 миллиард сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0