Сау тымыгъ. Адæм æнхъæл сæм бацыдис æххуысагур

Сау тымыгъ. Адæм æнхъæл сæм бацыдис æххуысагур
Рафыссын
Талынггомау хатæны, рудзынгæй æддæмæ, тæрсæгау каст дохтыр Вацлав Херш. Нæ йæ фæндыд Чъребамæ æрбацæуын. Тугкалды бынатмæ барвæндæй кæй фæнды? Дохтыр тарст мæлæтæй, фæлæ йын æнæрацæугæ дæр нæ уыд, хицæуттæ алы ран дæр хицæуттæ вæййынц…
Рудзынджы бакомкоммæ йæ пæлæзы бын бампылæгау кодта гуырдзиаг сауджын Кванчахадзе Алекси. Къаддæр тарст нæ кодта сауджын дæр мæлæтæй, фæлæ йын æнæрацæугæ нæ уыд. Иуæй мæрдтыл аргъауын хъуыд, иннæмæй ирон адæмæй йæ мæрдты уæнгæл уыдта æмæ Хуссар Ирыл цы туджы зæйтæ рауагътой Джугъелийы гвардионтæ, уыдон фенын æй йæхи цæстæй тынг фæндыд æмæ ныр дохтыры бакомкоммæ йæхимидæг ризæгау кæнгæйæ куывта Хуыцаумæ, мæлæтæй мæ бахиз, зæгъгæ…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0