Сау тымыгъ. Тихреуæн ма баззадис йæ ном

Сау тымыгъ. Тихреуæн ма баззадис йæ ном
Рафыссын
Чъребайы сæрмæ, Тъбеты хъæумæ хæстæг, нарæг комы цы хъæу уыд, Тихреу, уымæн дæр, Ирыстоны æндæр хъæутау, калд йæ сау фæздæг. Дардæй ракæсæгмæ зынд ног конд хуымы хуызæн. Кæддæр рæсугъд хъæу уыд. Афтæ егъау дæр нæ уыд, фæлæ йæ азмæлæнтæ, йæ къулвахс быдыртæ дардыл уыдысты…
Хъæуы сæрмæ, уæлмæрды онг арты æвзæгтæ нæ аххæссыдысты æмæ дзы адæймаджы цæст дзæбæх æвзæрста ног къахт ингæнтæ. Ингæнтæй ма иу уыдис афтид, иннæтæн сæ бурбын сыджыт дзæбæх зындис обæуттæй. Сæ нывæрзæнты къаннæг дуртæ цыртыты бæсты сагъдæй. Дымгæйы уддзæф ничердыгæй цыд. Уæлейау, тæнæггонд хъæдæй, хъуыст халоны зæрдæхалæн марой æмæ арты æвзæгтæ кæй аныхъуырдтой, уыцы хъæууатæй та сылгоймаджы сабыр хъарæг…
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0