Уæрæсейы ФХМ разамонæджы хæдивæг æрдзырдта æдасдзинадыл Хуссар Ир æмæ Абхазы минæвæрттимæ

© Sputnik / Наталья СеливерстоваУæрæсейы ФХМ
Уæрæсейы ФХМ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) разамонæджы хæдивæг Михаил Галузин æрдзырдта Хуссар Ирыстоны президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин æмæ Абхазы ФХМ сæргълæууæджы хæдивæг Ираклий Тужбаимæ æдасдзинады фарстытыл æмæ дыууæ республикæйы арæнты делимитацийыл Гуырдзыстонимæ. Уый тыххæй дзырдæуы Уæрæсейы ФХМ сайтыл хъусинаджы.
"Дзырд цыд иумæйаг приоритеттыл ацы форматы Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады фæдыл. Æрæджыйы провокацитæ хынцгæйæ бахахх кодтой Тбилисы рдыгæй тыхæй ма пайда кæныны гарантитæ саразыны æнæмæнгхъæуындзинад Сухум æмæ Цхинвалы фæдыл, афтæ ма райдайын гуырдзиаг-абхазаг æмæ гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг арæнты делимитаци æмæ демаркайийы процесс", - фехъусын кодта УФ ФХМ.
Ног хабӕртты лентӕ
0