Хуссар Иры минӕвар рамбылдта гуырахстджын ӕхсӕнадӕмон турнир шахматтӕй

© Sputnik / Элина ГабараеваХуссар Иры минӕвар рамбылдта гуырахстджын ӕхсӕнадӕмон турнир шахматтӕй
Хуссар Иры минӕвар рамбылдта гуырахстджын ӕхсӕнадӕмон турнир шахматтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг шахматист Михаил Логочев ссис ӕхсӕнадӕмон турнир "tope por la paz"-ы уӕлахиздзау. Нӕ спортсмен уыд тыхджындӕр дӕс бӕстӕйы минӕвары ӕмрӕнхъ, фехъусын кодта Sputnik шахматты федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.
Хуссар Ирыстон ацы ерысты архайӕг у дыккаг хатт, ивгъуыд аз йӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ нӕ республикӕйы командӕ уыд ӕвзист призер.
"Михаил Логачев, кӕцы хъахъхъӕдта Хуссар Ирыстоны спортивон кад, ссис уӕлахиздзау дӕс бӕстӕйы минӕвӕртты хсӕн. Уый у стыр ӕнтыст. Турниры архайдта 127 спортсмены Перу, Уӕрӕсе, Аргентина, Куба ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй", - загъта Саулохты Георгий.
Михаил Логачев йӕ кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ у республикон турнирты ӕдзух лидер, хатгай свӕййы уӕлахиздзау дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0