Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. VII сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. VII сæр
Рафыссын
Арв æрбахгæдта. Зæронд лæгтæ, арвмæ скæс-скæскæнгæйæ, дзырдтой:
—Къæвда уыдзæн, къæвдайы дымгæ у.
— Их ма уæд, уый йедтæмæ къæвда хъæуы, уый зæххы сой у.
Фæссихор уыдаид, афтæ фæзилæны æрлæууыд иу уæзласæн машинæ. Рахызти дзы аст адæймаджы æмæ хъæуырдæм араст сты. Уыдонимæ уыдис, иу-æхсæрдæс азы кæуыл цыдаид, ахæм чызг. Чызгæн йæ уадултæ рæгъæд пъамидортау — сырх, йе 'уæнгтæ — стæвдтæ арæзт, риу—тыппыр. Уый машинæйæ се 'гасы разæй рагæпп кодта æмæ фæстæмæ дæр нал фæкаст, афтæмæй уынджы дæлæмæ фæцагайдта. Йемæ чи 'рцыдис, уыдон ыл дисæй амардысты:
— Кæдæм тæхы, хуыцауы тыххæй, дæлæ уыцы чызг, — загъта цæуджытæй иу.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0