Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой УГТ артиллери Днепры рахиз былгæроны

© Министерство обороны РФ /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой УГТ артиллери Днепры рахиз былгæроны
Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой УГТ артиллери Днепры рахиз былгæроны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 дек – Sputnik. Уæрæсейаг десантниктæ скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) дыууæ САУ æмæ иу гаубица сæ экипажтæ æмæ хæстæрмæджытимæ Днепры рахиз былгæроны, хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæрæсейаг æфсæддонтæ разысгарæн æнæпилотон тæхæг аппаратты руаджы ссардтой знаджы артиллери, афтæ ма бастдзинады станц.
"Æнæпилотон тæхæг аппаратты оператортæ скуынæг кодтой дыууæ САУ æмæ иу гаубица сæ экипажтæ æмæ хæстæрмæджытимæ, афтæ ма æмбæхст бастдзинады станц", - банысан кодтой уагдоны.
Хъахъхъæнынады министрады бафтыдтой, зæгъгæ, нысæнттæ скуынæг кæнынæн пайда кодтой "Ланцет"-æй.
Ног хабӕртты лентӕ
0