Хуссар Иры ссардтой хæдтулгæ, кæцы адавтой Ставрополæй дыууæ азы размæ

© Sputnik / Анар Мовсумов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ссардтой хæдтулгæ, кæцы адавтой Ставрополæй дыууæ азы размæ
Хуссар Иры ссардтой хæдтулгæ, кæцы адавтой Ставрополæй дыууæ азы размæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны милицийы кусджытæ ссардтой давд хæдтулгæ – "Лада Гранта" 2021 азæй фæстæмæ агуырдтой Уæрæсейы Федерацийы территорийыл. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Хæдтулгæ ссардтой аварион уавæры оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы Дзауы районы.
"Хæдтулгæ æрвыст æрцыд экспертизæмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты органты иумæйаг информацион-кооринацион центрмæ. Центры эксперттæ сног кодтой хæдтулгæйы VIN-код æмæ сбæрæг кодтой йæ хицауы – уый разынд Ставрополы цæрæг, уымæн фæстæмæ радтой йæ хæдтулгæ", - банысан кодтой МХМ.
Министрады бафтыдтой, зæгъгæ, хæдтулгæ адавыны цауы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0