Епхиты Тæтæри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920
Епхиты Тæтæрийы."Размæ". Роман

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XI сæр

РАЗМÆ. Фыццаг хай. XI сæр
Рафыссын
Райсомæй Мæхæмæт, хъом дæр нæма аскъæрдтой, афтæ сыстад æмæ правленимæ ацыд. Правленийы сæййæфта æрмæст æхсæвгæсы. Йæ кабинеты дуар бакодта æмæ мидæмæ бацыд. Æнтъыснæгхуызæй къуымты аракæс-бакæс кодта, стæн уынджырдæм цы дыууæ рудзынджы уыд, уыдон бакодта. Райсомы сыгъдæг уæлдæф мидæмæ бакалд. Мæхæмæт æхсызгонæн сулæфыд. Йæ сæрæй нæма фæхицæн сты секретары ныхæстæ: "Сымах нырма пълантæ аразут, уæ сыхæгтæ та хуым конд фæвæййынц".
"Фæлæуу, æз дзы кæйдæрты æрæлхъивдзынæн. Се 'взæгтыл сынчъытæ куыд æрзайа, æз сын ахæм митæ бакæндзынæн. Уыцы куыдзы хъыбыл дæр мæ нæ аирвæздзæн, ирон хæсмæ тындзæн нæй", — ахæм æмхæццæ хъуыдытæ абухтой Мæхæмæты сæры. Цы йæ хъуыди æмæ цы зæгъынмæ хъавыд, уый дзæбæх нæ ахста йæ сæр.
Епхиты Тæтæрийы роман "Размæ"-йы аудиоверсимæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0