Сау тымыгъ. Уыдон адæм рагæй не сты – дыккаг хай

Сау тымыгъ. Уыдон адæм рагæй не сты – дыккаг хай
Рафыссын
- Сымахмæ нæ сардыдтой, сымах хуызæн дам, сæн ничи аразы. Стæй, дам дæм, урс дæр æмæ сырх сæн дæр вæййы, - ныхас райдыдта Борæ.
- Мæнмæ алцыдæр ис, - хъалзæрдæйæ бакодта хæдзары хицау æмæ сæм хæрдмæ кæсгæйæ, - мидæмæ æрбахуыдта.
Кæрты, тута бæлæсты бын хуыгистытау фæрсылæй хуыссыдысты æртæ тымбылтæконд лæппуйы.
- Гъе, уæртæ кæм сты нæ туджджынтæ, сабырæй загъта Гола.
- Уæ бонтæ хорз, уæйгуытæ, - бадзырдта сæм Борæ. Уыдон зивæггæнгæ растадысты.
- Сæн æлхæнджытæ сты ацы адæм, - лæппутæм бадзырдта сæ фыд, стæй та уазджытырдæм бакаст, - мæ ном Елгуджа.
Остъаты Аланы чиныг "Сау тымыгъ"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0