Транскам бакодтой сæрмагонд барамынды онг

© Sputnik / Natalia Airiyan Транскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik. Транскавказаг автомагистралы 8.00 сахатæй бакодтой фæндагон змæлд сæрмагонд барамынды онг, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) пресс-службæ.
Уагдоны банысан кодтой, Ручъы тоннелы хуссар порталы митуард нырма кæй не ‘рлæууыд.
Ирвæзынгæнджытæ сидынц шофыртæм, цæмæй уой арæхстджын æмæ æххæст кæной æдасдзинады домæнтæ.
Уый размæ, æртыццæджы Транскамы арæнæвæрдтой сæвæрдтой фæндагон змæлдыл æвзæр боныгъæд æмæ автотранспортон фæрæзтæн æдас змæлд сæххæст кæныны фадат кæй нæ уыд, уый тыххæй.
Транскавказаг магистраль цæуы уæлхох бынæтты æмæ у иунæг фæндаг кæцы иу кæны Хуссар Ирыстоны Уæрæсеимæ. Трассæйы дæргъ у 164 километры. Зымæджы æмæ уалдзæджы трассæйыл фæзыныц проблемæтæ хæххон бынæттæн характерон миты æмæ цъыфы зæйтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0