Уӕрӕсейы президенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 2024 азы 17 марты

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæМӕскуы
Мӕскуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек – Sputnik. Федерацийы Совет снысан кодта УФ президенты ӕвзӕрстытӕ 2024 азы 17 мартмӕ, ӕмбӕлон барамынд райстӕуыд цыппӕрӕмы рабадтыл.
"Снысан кӕнын УФ президенты ӕвзӕрстытӕ 2024 азы 17 марты. Ӕмбӕлон барамынд бахизы йӕ тыхы йӕ официалон мыхуыры бонӕй фӕстӕмӕ", - дзырдӕуы президенты ӕвзӕрстытӕ снысан кӕныны фӕдыл уынаффӕйы.
Уӕрӕсейы Федерацийы президенты ӕвзӕрстытӕ снысан кӕнын Конституцийы 102-ӕм статьямӕ гӕсгӕ у Федерацийы Советы сӕрмагонд ӕххӕстбар, радзырдта РИА Новостийӕн Федерацийы советы конституцион комитеты разамонӕджы фыццаг хӕдивӕг Владимир Полетаев.
Ног хабӕртты лентӕ
0