"Æз сæрыстыр дæн ахæм ансамблæй", - Гаглойты Алан раарфæ кодта "Симд"-æн сæ юбилейы цытæн

© SputnikГаглойты Алан раарфæ кодта "Симд"-æн сæ юбилейы цытæн
Гаглойты Алан раарфæ кодта Симд-æн сæ юбилейы цытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Паддзахадон ансамбль "Симд"-ы коллективæн 85 азы юбилейы цытæн.
Сфæлдыстадон коллективы юбилейæн нывонд концерт ацыд Паддзахадон драмон театры сценæйыл Цхинвалы.
Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта "Симд"-ы коллективæн сæ куысты тыххæй.

"Ансамблы 85 азмæ раивтой артистты цалдæр фæлтæры, фæллæ баззад сæ уд. Уæ алкæцы кафт дæр у виртуозон дæсныйад æмæ артистизм. Уæ ирд ралæудтæ дзырдтæй хуыздæр равдисынц кæсджытæн ирон культурæ, истори, æххуыс кæнынц алыгъуызон бæстæты адæмтæн хуыздæр базонын æмæ бамбарын Ирыстон", - банысан кодта президент.

Президент схорзæхджын кодта Кады орденæй Тъехты Петр æмæ Хъотайты Кларайы сæ егъау хайбавæрд æмæ æнтыстыты тыххæй. Афтæ ма Гаглойты Алан радта "Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист"-ы кадджын ном "Симд"-ы артисттæн: Тедеты Зæринæ, Тъехты Павел, Æлборты Алан æмæ Багаты Шотайæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0