Хуссар Иры цыппæрæм хатт схорзæхджын кæндзысты музыкалон преми "Æрфæныфæд"-ы хайадисджыты

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры цыппæрæм хатт схорзæхджын кæндзысты музыкалон преми "Булæмæргъ"-ы хайадисджыты
Хуссар Иры цыппæрæм хатт схорзæхджын кæндзысты музыкалон преми Булæмæргъ-ы хайадисджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны цыппæрæм хатт ацæудзæн телеуынынадон музыкалон преми "Æрфæныфæд"-ы хорзæхкæныны церемони, фехъусын кодта Sputnik ПТРК "ИР"-ы сæйраг редактор Козаты Дзерассæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, азы кæрон рабæрæг уыдзысты хуыздæр зарæггæнджытæ национ телеуынынады версимæ гæсгæ.

"Исдзыстæм сæ 11 декабры, ныртæккæ уал цæттæ кæнæм сценарий, концепцитæ æмæ декорацитæ. Ацы аз иу сценæйыл ралæудзысты Ирыстоны цæгат æмæ хуссары стъалытæ, афтæ ма ног зарæггæджытæ", - загъта ныхасæмбал.

Националон музыкалон преми фидаргонд æрцыд 2019 азы. Фыццаг хат ацыд киноконцертон зал "Чермен"-ы.
Ног хабӕртты лентӕ
0