Хуссар Иры паддзахадон университеты ацыд Расул Гамзатовы номыл мадзал

© Sputnik / Михаил АвагимовХуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд Расул Гамзатовы номыл мадзал
Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд Расул Гамзатовы номыл мадзал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университы ацыд тымбыл фынг поэты райгуырдыл 100-æм азы цытæн. Мадзалмæ æрцыд делегаци Дагъистанæй.
"Дыууæ университет дæр стыр хъусдард здахынц æхсæнадæмон архайды ᾿рдæм, уый та сын ахъаз фæвæййы дарддæр рæзын æмæ эффективондæрæй скъуыддзаг кæнын хæслæвæрдтæ. Махæн Дагъистан у æфсымæрон республикæ", - загъта ректор.
ХИПУ ректор Тедеты Вадим йæ арфæйы ныхасы рæстдæджы бахахх кодта, Дагътистайнаг паддзахадон университетимæ бадзырд бафыссыны тыххæй бон нысангонд кæй у уый.
Мадзалы рæстæджы равдыстæуыд дыууæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæдоны тыххæй зонгæ кæныны видеороликтæ. Дарддæр хайадисджытæ байхъуыстой Гамзатовы сфæлдыстады тыххæй докладтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0