Цæгат Иры скад кодтой Фыдыбæстæйы Хъайтартæн

© Дзерасса ТеховаЦæгат Иры скад кодтой Фыдыбæстæйы Хъайтартæн
Цæгат Иры скад кодтой Фыдыбæстæйы Хъайтартæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 дек — Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Дзæуджыхъæуы къуырисæры скад кодтой Уæрæсейы Хъайтартæн æмæ зынгхуыст Хъайтарты бинонтæн. Мадзал нывонд уыд Фыдыбæстæйы Хъайтарты бонæн, кæцы нысан кæнынц 9 декабры.
Сергей Меняйло йæ раныхасы бахахх кодта, Хъайтартæй кæй хъуамæ уæм сæрыстыр. Хицæнæй уый рахицæн кодта фæмардуæвæг хæстонты æмæ бафтыдта, уыдон кæй æххæст кодтой се ‘фсæддон хæс кæронмæ.
Регионы сæргълæууæг радта лæвæрттæ æмæ æрныхас кодта Уæрæсейы Хъайтар Есенаты Таймуразы мадимæ. Хистæр сержант Есенаты Таймуразæн радтой уæлдæр хорзæх хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинады тыххæй, кæцытæ уый равдыста сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы. Танчы командæгæнæг нымад цæуы æбæрæгæй фесæфæг хæстоныл.
"Мæхæдæг дын фехъусын кæндзæн исты информаци нæм куыдддæр фæзына, афтæ", - загъта Меняйло Есенаты Тамарайæн.
© Дзерасса ТеховаЦæгат Иры скад кодтой Фыдыбæстæйы Хъайтартæн
В Северной Осетии отметили День Героев Отечества - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.12.2023
Цæгат Иры скад кодтой Фыдыбæстæйы Хъайтартæн
Ног хабӕртты лентӕ
0