Цхинвал-Дзау фæндагыл ФТЦ фæстиуæгæн амард иу адæймаг

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОЦхинвал-Дзау фæндагыл ФТЦ фæстиуæгæн амард иу адæймаг
Цхинвал-Дзау фæндагыл ФТЦ фæстиуæгæн амард иу адæймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik. Цхинвал-Дзау афтофæндагыл æрцыд мæлæтдзаг фæндагон-транспортон цау, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Фæндагон-транспортон цау æрцыд знон 14.40 сахатыл Цхинвал-Дзау фæндаджы 7-æм километрыл. "ВАЗ-2109" хæдтулгæйы шофыр нæ сырæхст скъæрын, рахызт ныхмæцæуæн фæндагмæ æмæ сæмбæлд бетонон гæрæныл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Шофыр æмæ пассажир райстой буары цæфтæ æмæ сæ бакодтой Республикон бирæпрофилон медицинон центрмæ. Иннæ пассажир райста мæлæтдзаг цæфтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0