Дзæуджыхъæуы фæдзæхсынц донифтонгадимæ къуыхцыты тыххæй электрохызæгтыл æрцæугæ аварийы

© Sputnik / Eugene Odinokov /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы фæдзæхсынц донифтонгадимæ къуыхцыты тыххæй электрохызæгтыл æрцæугæ аварийы
Дзæуджыхъæуы фæдзæхсынц донифтонгадимæ къуыхцыты тыххæй электрохызæгтыл æрцæугæ аварийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik. Цæгат Ирыстоны электрохызæгты линийы авари ныууагъта æнæ рухсæй 18 доны цъассы, кæцытæ ифтонг кæнынц донæй горæт Дзæуджыхъæу, хъусын кæны "Республикон донифтонгад æмæ донуадзæн амалиуæгад".
Республикон донхæтæлон уагдоны информацимæ гæсгæ, авари æрцыд 01.00 сахатыл дыццæджы.

"Уымæ гæсгæ, гæнæн ис æмæ донифтонгадимæ уой къуыхцытæ æппæт Галиудонбылон горæты хайы, афтæ ма Рахиздонбылгæроны хайыл дæр", - бафæдзæхстой Донхæтæлон уагдоны.

Куыд ма бафтыдтой уагдоны, афтæмæй "Россеть"-ы специалисттæ æнæхъæн æхсæв иуварс кодтой фехæлдтæ. Куыст тагъддæр ацæуыны тыххæй амалиуæгад ноджы скусын кодта 12 доны цъассы.
Ног хабӕртты лентӕ
0