https://sputnik-ossetia.com/20231212/kotsty-konstantin-guyrdzyston-nyrma-tstt-nu-arny-delimitatsiyyl-dzurynm-27207630.html
Коцты Константин: Гуырдзыстон нырма цæттæ нæу арæны делимитацийыл дзурынмæ
Коцты Константин: Гуырдзыстон нырма цæттæ нæу арæны делимитацийыл дзурынмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци хъуамæ цæуа иумæйагæй, фехъусын кодта... 12.12.2023 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2023-12-12T15:30+0300
2023-12-12T15:30+0300
2023-12-12T15:30+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
политикӕ
паддзахадон арӕн
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/15/24026050_0:0:702:395_1920x0_80_0_0_db02a9750b041416afdaf74152353226.jpg
ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци хъуамæ цæуа иумæйагæй, фехъусын кодта президенты уынаффæгæнæг, хуссарирыстойнаг делегацийы разамонæг Фæскавказаг æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы Коцты Константин.Женевайы 5-6 декабры ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дискусситы радон раунд. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ Sputnik пресс-центры ацыд Коцты Константины пресс-конференци. Уый банысан кодта, дискусситы сæйраг темæтæй иу кæй у дыууæ паддзахады æхсæн арæныл уавæр.Коцты Константин бахахх кодта, арæны хæххытæ, кæцытæ баззадысты советон историйæ, раст æвæрд нæ уыдысты арæнгæрон районты цæрджыты интерестæ хынцгæйæ. Уымæн æмæ кæмдæрты ис уæлмæрдтæ, дзуæрттæ, æндæр объекттæ, кæцытæ гæнæн ис фæивын.Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый хъуамæ уа уимæйаг куыст куыд æппæт дунейы, кæннод арæныл арæх уыдзысты конфликттæ æмæ цаутæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2023
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/06/15/24026050_38:0:565:395_1920x0_80_0_0_210de3e16edba3c4f6255016794a08a2.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, политикӕ, паддзахадон арӕн
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, политикӕ, паддзахадон арӕн
Коцты Константин: Гуырдзыстон нырма цæттæ нæу арæны делимитацийыл дзурынмæ
ЦХИНВАЛ, 12 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркаци хъуамæ цæуа иумæйагæй, фехъусын кодта президенты уынаффæгæнæг, хуссарирыстойнаг делегацийы разамонæг Фæскавказаг æдасдзинады фæдыл Женеваг дискусситы Коцты Константин.
Женевайы 5-6 декабры ацыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл дискусситы радон раунд. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ Sputnik пресс-центры ацыд Коцты Константины пресс-конференци. Уый банысан кодта, дискусситы сæйраг темæтæй иу кæй у дыууæ паддзахады æхсæн арæныл уавæр.
"Мах констатаци кæнæм стабилон уавæр, кæцымæ гæсгæ хъуамæ ма уой карз зындзинæдтæ. Фæлæ уыимæ иумæ мах нæ цæст дарæм арæх æрцæугæ провокацитæм арæныл Гуырдзыстоны рдыгæй. Ацы проблемæйы скъуыддзаг у æнцон – бадзурын арæны делимитаци æмæ демаркацийыл, цæмæй алкæцы адæймаг дæр æмбара, цы ран цæуы паддзахадон арæн æмæ йæ кæй нæй гæнæн халын", - загъта президенты уынаффæгæнæг.
Коцты Константин бахахх кодта, арæны хæххытæ, кæцытæ баззадысты советон историйæ, раст æвæрд нæ уыдысты арæнгæрон районты цæрджыты интерестæ хынцгæйæ. Уымæн æмæ кæмдæрты ис уæлмæрдтæ, дзуæрттæ, æндæр объекттæ, кæцытæ гæнæн ис фæивын.
"Гуырдзиаг хайадисджытæ нырма цæттæ не сты дзурын арæны делимитацийыл, фæлæ мæ уырны, мах уымæ уæддæр кæй æрцæудзыстæм. Гуырдзыстоны ныридæгæн райхъуысы, кæй хъæуы дзурын ирæттæ æмæ абхазæгтимæ, цæмæй сбæлвырд кæной арæны хахх", - загъта уый.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый хъуамæ уа уимæйаг куыст куыд æппæт дунейы, кæннод арæныл арæх уыдзысты конфликттæ æмæ цаутæ.