Сидахъты Зауырбег у претендент иууыл хуыздæр уæгъдибар хъæбысæйхæцæджы ном райсынмæ

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæСидахъты Зауырбег
Сидахъты Зауырбег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 дек - Sputnik. Ирон хъæбысæйхæцæг Сидахъты Зауырбег у претендент 2023 азы иууыл хуыздæр хъæбысæйхæцæджы ном райсынмæ.
Хъæбысхæсты иугонд дуне (UWW) ныммыхуыр кодта фондз дунейы чемпионы нæмттæ, кæцытæ сты номинанттæ "Иууыл хуыздæр уæгъдибар хъæбысæйхæцæджы" ном райсынмæ. Шорт-листмæ бахаудта Сидахъты Зауырбег дæр. Ацы аз Сидахъты Зауырбег æртыккаг хатт ссис дунейы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй, финалы уый рамбылдта америкæйаг Кайл Дейкы.
Иууыл тыхджындæр уæгъдибар хъæбысæйхæцæджы номыл ма тох кæнынц Исмаил Мусукаев Венгрийæ, Ахмед Тажудинов Бахрейнæй, Дэвид Тэйлор Америкæйæ æмæ Амир Заре Иранæй.
Уæлахиздзауы сбæрæг кæндзысты 18 декабры.
Ног хабӕртты лентӕ
0