Гаглойты Алан сæмбæлд æмбуар хæстæй Дунейы кубокы хуссарирыстойнаг триумфатортимæ

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан сæмбæлд хуссарирыстойнаг Дунейы кубокы æрмтохæй триумфатортимæ
Гаглойты Алан сæмбæлд хуссарирыстойнаг Дунейы кубокы æрмтохæй триумфатортимæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.12.2023
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан сæмбæлд æбуар хæстæй чемпионтимæ, кæцытæ æрбавдыстой Республикæ Хуссар Ирыстон Дунейы кубокы Минскы.
Фембæлды райстой хайад Хуссар Ирыстоны Æмбуар хæсты Федерацийы президент, Хуссар Ирыстоны æддагон разысгæрсты службæйы сæргълæууæг Уарзиаты Алексей, Уæрæсейы æмбуар тохы командæйы тренер Кадиты Нариман.
Гаглойты Алан раарфæ кодта спортсментæн æмæ сын загъта бузныджы ныхæстæ республикæ кæй æрбавдыстой иууыл бæрзонд æмвæзадыл.

"Стыр сæрыстыр уыдтæн, тохтæм куы кастæн, уæд ирон тырысайыл куы схæцыдысты æмæ Хуссар Ирыстоны гимн куы айзæлыд. Райгонд дæн, Ирыстоны минæвæрттæ кæй равдыстой ахæм бæрзонд фæстиуджытæ. Сымах нырма æвзонг æмæ перспективон стут, уыдзæн ма уын æнтыстытæ æмæ стыр уæлахизтæ. Мах, нæхи ᾿рдыгæй араздзыстæм æппæтдæр, цæмæй нæ фæсивæд райрæза, размæ цæуа", - загъта президент.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ паддзахады сæргълæууæг загъта тренер Кадиты Нариманæн ирон спорсменты кæй бацæттæ кодта, уый тыххæй. Тренер йæхи ᾿рдыгæй бузныджы ныхæстæ загъта президентæн финансон æххуысы тыххæй.
Президент Гаглойты Аланы барамындæй чемпионтæн лæвæрд æрцæудзысты Республикæ Хуссар Ирыстоны паспорттæ.
Æрмтохæй Дунейы кубокы финал цыд 19-21 ноябры горæт Минскы. Ерысты хайад райстой 266 спортсмены дунейы 15 паддзахадæй, уыимæ иумæ Хуссар Ирыстонæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0